Чанба, Самсон
Внешний вид
Самсон Чанба | |
---|---|
абх. Самсон Иаков-иҧа Ҷанба | |
Райгуырдис |
1886-æм азы 18 июны[1] |
Амардис | 1937[2][1][…] |
Парти | |
Викикъæбицы медиа |
Самсон Яковы фырт Чанба (1886 азы 6 (18) июны — 1937) уыди абхазаг фыссæг æмæ паддзахадон архайæг.
Райгуырдис Сухумы зылды Атарæйы хъæуы. Ахуыр кодта Драндæйы моладзандоны скъолайы. 1914-æм азы каст фæци Хонийы ахуыргæнджыты семинар. Цасдæр рæстæг фæкуыста ахуыргæнæгæй.
Фыста абхазаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын райдыдтой 1916-æм азæй. Чанба æндæр æмæ æндæр азты куыста газеты редакторæй, Абхазы ССР-ы рухсады адæмон комиссарæй, Абхазы ССР-ы ЦÆК-ы сæрдарæй.
1930-æм азты, репресситы дуджы æрцыд ахст æмæ 1937-æм азы йæ фехстой.
Амарды фæстæ æрцыд реабилитацигонд.
Самсон Чанбайы ном хæссы Абхазы Паддзахадон драмæйы театр Сухумы сахары. Йæ ном хæссынц Абхазы бирæ цæрæнрæтты уынгтæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Samson Chanba // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Чанба Самсон Яковлевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.