SMS
Внешний вид
SMS (англ. Short Message Service «цыбыр фыстæджыты сервис») у мобилон телефонæй фыстæджытæ æрвитынмæ конд сæрмагонд системæ.
Æппæт стырдæр стандартты (GSM, CDMA æмæ æндæрты) ис SMS æрвитæн.
SMS-тексты дæргъ у 140 байты. Авдбитон кодировкæйы уый у 160 символы (англисаг дамгъæтæ æмæ цифрæтæ), астбитон кодировкæйы та (немыцаг, францаг æмæ æндæр Ныгуылæн Европæйы æвзæгтæ) — 140 символы. Æндæр алфавитты дамгъæтæ æрвыстæуы дыууæбайтон кодировкæйæ (UTF-16), уый тыххæй дзы 70 символæй фылдæр нæ вæййы.
Ирон дамгъæ æ астбитон (ныгуылан-европæйаг) кодировкæйы ис, æмæ уый тыххæй ис иронау аив æмæ дæргъвæтин SMS-тæ фыссæн: кæс статья Ирон æвзаг æмæ SMS.